2012 азы 8 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад, зæрдылдарæн мадзæлтты фæлгæтты, 2008 азы августы Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийы цыппæрæм азы цытæн, дард æмæ æввахс фæсарæнты ирон диаспорæты хайадистæй ауадздзæн тымбыл фынг «Ирон ныхас».
2008 азы августы цаутæ, Пекины Олимпиадæйы байгом кæнынимæ иумæ, 7 августæй 8 августмæ æхсæвы Гуырдзыстон йе ‘ппæт хæстон тыхтимæ бабырста Хуссар Ирыстоны сабырцæрæг адæммæ. Уый базмæлын кодта æнæхъæн дунейы æмæ дудгæ рыстæй фæриссын кодта, сæ Райгуырæн бæстæйæн æдте чи цæры, уыцы ирæтты зæрдæтæ. Сусæггаг нæу уый, æмæ хотыхджын агрессийы ‘мрæнхъ цыдис æцæг информацион хæст дæр. Уый æппæты разæй чи райдыдта æмæ информацион блокадæ атоныны, дунеон æмæхсæнадмæ рæстдзинад фæхæццæ кæныныл стыр куыст чи бакодта, уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдысты фæсарæнты ирон диаспорæты минæвæрттæ.
Диаспорæтæ активон куыст кодтой Хуссар Ирыстоны цы цаутæ цыдысты, уыдоны пропагандæ æмæ парахат кæныныл, алæвæрдтæ цæттæ кодтой ирон адæмы проблемæтыл æмæ Гуырдзыстоны ‘рдыгæй геноциды фæдыл, уагътой алыгъуызон акцитæ æмæ митингтæ, кæцыты æвзæрыл нымадтой гуырдзиаг хицауиуæгады архайдтытæ.
Цы тымбыл фынг хъуамæ уа, уым ма ныхас цæудзæнис, дунейы алы къуымты чи цæры, уыцы ирон адæмы поблемæтыл дæр, афтæ ма ахъаз кæндзæн диаспорæты сæ историон Райгуырæн бæстæтимæ æввахсдæр кæнынæн.
Цхинвал, 2012 азы 7 август