Абон Мæскуйы, Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварады уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министры фыццаг хæдивæг Цыхуырбаты Къазбулаты фембæлд Республикæ Науруйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Карен Кекеимæ, кæцы Мæскуыйы ис кусæгон балцы.
Фембæлды ма хайад райста Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Медойты Дмитрий.
Фембæлды хайадисджытæ конструктивон æмæ хæларадон атмосферæйы æруынаффæ кодтой дывæрсыг ахастыты къорд фарстатыл. Уымæй дарддæр ма кæрæдзийæн сæ хъуыдытæ загътой дыууæтæн дæр цымыдисаг чи уыдысты, уыцы дунеон проблемæты фарстаты фæдыл. Дыууæ фарсы дæр банысан кодтой дывæрсыг æмгуысткæнынад дарддæр рæзын æмæ арфдæр кæныны ахсджиагдзинад.
Цхинвал, 2012 азы 2 август