Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады хъусынгӕнинаг

2012 азы 14 июлы Хуссар Ирыстоны столицӕйы уагъд цӕуынц зӕрдылдарӕн мадзӕлттӕ Фидауынгӕнӕг тыхты боны цытӕн. Растдӕр 20 азы размӕ Уӕрӕсе, Гуырдзыстон, Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны сӕргълӕуджытӕ г. Сочиты къухтӕ кӕуыл ӕрфыстой, уыцы Фидыды гуырдзиаг-ирон конфликты ӕрбӕстон кӕныны бындурондӕр принципты бындурыл 1992 азы 24 июны гуырдзиаг ирон конфликты зонӕмӕ баконд ӕрцыдысты ӕртӕварсон фидауынгӕнӕг тыхтӕ. Уыдон уыдысты кӕрӕдзийы ныхмӕлӕууӕг фӕрсты ‘хсӕн буфер.

Уыцы рӕстӕгмӕ Хуссар ирыстоны Гуырдзыстоны ӕртӕазон агрессийы амӕттӕгты систы мингай сабыр цӕрджытӕ, сыгъд ӕмӕ пырхгонд ӕрцыдысты 117 ирон хъӕуы, 100 мин ироны сырд ӕрцыдысты сӕ хӕдзӕрдтӕй. Цхинвал бахаудис ӕрхъулайы. Горӕты хъахъӕнджыты хӕцыдысты Гуырдзыстоны ӕфсады ӕрвылбонон размӕбырстыты ныхмӕ. Ахӕм вазыгджын уавӕрты фидауынгнджытӕн сӕ къухты бафтыдис тынг стыр куыст сӕххӕст кӕнын. Уыдон архайды фӕрцы, боны фӕстагмӕ,ӕрурӕд ӕрцыдысты хӕдон архайдтытӕ.

Хуссар Ирыстоны фидауынгӕнӕг аперацийӕн йӕ арӕхсджын архайдмӕ гӕсгӕ йӕ къухты бафтгӕ ӕнтыстытӕ ӕмӕ минималон сӕфтыдтой уыдис уникалон. Фӕлӕ 2008 азмӕ гуырдзыстон, йӕ ‘фсӕддон, бюджет 15 хатты фӕфылдӕр кӕнгӕйӕ, Хӕдбар Паддзахаты Цӕдисы ссис иууыл милитаризацигонддӕр бӕстӕ.

2008 азы августы растдӕр уӕрӕсейаг Фидауынгӕнджытӕ баййӕфтой гуырдзиаг ӕфсады фыццаг цӕф, кӕцытӕ дунеон барады ӕппӕт нормӕтӕ ӕмӕ химӕрайсгӕ хӕстӕ, уыцы нымӕцы 1992 азы Сочийы Фидыд фехалгӕйӕ, ӕрбабырстой Хуссар Ирыстонмӕ. Йӕ фидауынгӕнӕг тыхты ӕмӕ Хуссар Ирыстоны цӕрджыты ирвӕзын-гӕнгӕйӕ, Уӕрӕсейы Федерацийы бахъуыдис гуырдзыстоны сабырадмӕ ӕркӕныны хъуыддӕджы ӕфсӕддон операци сӕххӕст кӕнын.

Фидауынгӕнӕг тыхты хъуыддаг адарддӕр кодтой ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ арӕнхъахъхъӕнджытӕ. Хӕлардзинады, ӕмкуысткӕнынады ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕныны Фидыдмӕ гӕсгӕ 2008 азы 17 сентябры Хуссар ирыстоны арӕзт ӕрцыдис Уӕрӕсейы 4-ӕм ӕфсӕддон базӕ ӕмӕ УФАФС.

Абон Республикӕйы, Уӕрӕсейы Фидауынгӕнӕг тыхтӕ кӕм уыдысты, уыцы батальоны сыгъд ӕмӕпырхгонд агъуыстыл ӕвӕрд ӕрцӕудзысты веноктӕ, ӕрымысдзысты уӕрӕсейаг салдаттӕ ӕмӕ афицерты нӕмттӕ, кӕцытӕ 2008 азы уӕззау августы бонты кӕронмӕ сӕххӕст кодтой сӕ фидауынгӕнӕджы мисси. Афтӕ ма цыппурсы сыгъдӕг Мадымайрӕмы агъуысты уыдзӕнис хуыцауӕн Кувыны номарӕн службӕйы церемони ӕмӕ байгом уыдзӕнис РХИ нывгӕнджыты равдыст.

Цхинвал, 2012 азы 14 июл

13.07.2012