Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинæгты министрады хъусынгæнинаг Зары трагедийыл 20 азы сыххæсты боны охыл

2012 азы 20 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны уагъд цæуынц Хуссар Ирыстоны сабыр цæрджыты ныхмæ гуырдзиаг агрессийы амæттæгты тыххæй зæрдылдарæн мадзæлттæ. Растдæр дыууын азы размæ гуырдзиаг национал-шовинисттæ, йæ æгъатырдзинадæй иууыл æнаадæймагондæр чи у,сарæзтой генациды ахæм акт Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ. 1992 азы 20 майы æрхъулагонд горæт Цхинвалы дунеимæ чии у кодта. Уыцы Царды фæндагыл Зары хъæумæ хæстæг æмбæхст ранæй ахст æрцыдысты, бахъахъхъæнæг кæй нæ уыдис, ахæм сывæллæттæ, сылгоймæгтæ æмæ зæрæдтæ. Фæмард дзы сты 33 адæймаджы, уыдоны нымæцы- сылгоймæгтæ, зæрæдтæ æмæ сывæллæттæ, 16 адæймаджы та дзы фесты цæфтæ. Чи фæмард сты, уыдонæй се ‘ппæты хистæрыл цыдис 73 азы, иууыл кæстæрыл та-12 азы. Гуырдзиаг националистты ацы тугахуырст фыдракæнды тыххæй æфхæрд ничи æрцыдис. Ӕмæ кæд Гуырдзыстоны уæды лидер Эдуард Шеварнадзе официалонæй басастис, зæгъгæ, Зары трагеди ис гуырдзиаг гарзджын тыхты намысыл, уæддæр ацы абуалгъ фыдракæнд сорганизацигæнджыты æмæ сæххæстгæнджыты ссарын æмæ сæ бафхæрыны тыххæй гуырдзиаг барадхъахъхъæнæг органтæ бынтондæр ницы сарæзтой.

Уый нæ, фæлæ ма дызæрдыгдзинады ‘фтауы Ныгуылæны иуæй-иу бæстæты æмæ АИШ позици,кæцытæ Гуырдзыстоны нымайынц агрессийы амæттагыл æмæ «территориалон æнæхъæндзинады сæрыл тохгæнæгыл» æмæ дардæр дæр Цæгат-атлантикон Альянсмæ интеграциты фæндагыл кæнынц йе ‘вварс. Гуырдзыстоны НАТО-мæ бакæныныл тынг кæй кусынц, уый нын нæ зæрдыл лæууын кæны 2008 азы августы агресси, кæцы æххæст æрцыдис Альянсы бæстæ- уæнгты ‘рдыгæй æппæтфарсон æмæ æфсæддон æххуысы фæстиуæгæн. Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгтыминистрад ногæй сиды дунеон æмæхсæнадмæ Кавказы сабырад æмæ стабилондзинады сæраппонд, цæмæй Гуырдзыстоны фыдракæндон архайд архайдтытæн скæной объективон аргъ.

г.Цхинвал, 2012 азы 20 май

20.05.2012