Президентон æвзæрстыты сæраппонд æвзарæн фæдгуытæ конд æрцыдысты Уæрæсейы æвзæрстыты закъондæттынадмæ гæсгæ æмæ хаудтой дунейы Уæрæсуйы æмбæстæгты цы 145 бæстæйы цæрынц, уыдоны арæзт цы 378 æвзарæн фæдыджы æрцыдис, уыдон нымæцмæ. Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы цы уæрæсейаг æмбæстæгтæ цæрынц, уыдонæн се ‘мбæстагон, бартæ сæххæст кæныны фадат кæй æрцыдис арæзт, уыцы хъуыддагмæ ЕЦПА документы Хуссар Ирыстон æмæ Абхазмæ ахасты термин «оккупацигонд территори»-йæн кæй спайда кодтой, уыцы виртуалон позицийы ‘вварс куырмæй кæй рахæцыдысты, уымæй, кæцыран Гуырдзыстоны ракодтой агрессийы амæттагæй. Цæмæй дæ дунеон хæстæ намысджынæй æххæст кæной æмæ аразой бындургонд хатдзæгтæ, уый тыххæй фарстмæ хъæуы фундаменталон ахаст равдисын, мидæгæй йæ сахуыр кæнын æмæ адæмы, уыцы территорийыл чи цæры æмæ «гуырдзиаг сабырадон уарзт» сæхиуыл чи бавзæрстой, уыцы адæймæгты цы хъуыды кæнынц, уый базонын. Уый фæлтау уыдон та фарстмæ балæууыдысты иувæрсыгонæй, гуырдзиæгты ‘рдыгæй сын цыиувæрсыгон позици загътой, афтæ.
Æцæгдзинад та афтæ у æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæн Гуырдзыстоны æнæхъæндзинадмæ бынтондæр ницы ахаст ис æмæ «сепаратистон регион» нæ, фæлæ сты нымад, суверенон паддзахадтæ. Æмæ ЕЦПА-йæн афон у, цæмæй нымайы Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвынадæн цы барадон бындуртæ ис, уыдон, кæнæ та, бонæн йæ фæстæгма йæ раздæры сфæнгонд позицийæ уавæр ма драматизаци кæна.
Женевайы дунеон дисскуситы хуссарирыстойнаг делегации у æмæ дыууæ хатты, мыййаг,нæ бæлвырд кодта æмбарынадтæ «оккупаци» «оккупацигонд территориты» æнæсæрфатдзинад Хуссар Ирыстоны реалиты. Домдта цæмæй ацы фарстыл уынаффæ æрцыдаит барадзонæг специалисты хайадисæй æвæхстæр раунды дискусситы.
Иу-иу бæстæтæ æмæ дунеон организацитæ гуырдзиаг хицауиуæгады æвварс кæй хацынц, уымæн йæ тæссагдзинад уый мидæг ис æмæ ахæм æвварсхæцынад Гуырдзыстоны исынц, куыд президент Саакашвилийы æмæ йæ алыварс чии с, уыдоны агрессивон къахдзæфтæ, ногæй хотыхджын кæнынмæ æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы,уый тæссагдзинад æвзарын кæны регионы æдасдзинадæн.
Цхинвал, 2012 азы 27 апрелы