Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

2012 азы 16 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад йæхимæ райста Дунеон Сырх Дзуары Комитеты Цхинвалы офисы сæргълæууæджы бынаты йæ архайд тагъд рæстæджы кæй фæуд кæны, уымæ гæсгæ министры базонгæ кодтав йæ фæдон-æхсин Леаннæ Хатчинсы.
Ныхасы рæстæджы уынаффæ цыдис Хуссар Ирыстоны территорийыл Дунеон Сырх Дзуары Комитеты офисы архайды фарстатыл.

Министр Джиоты Мурат бузныг загъта æлдар Пьер Райшелæн йæ бакæнгæ стыр куысты тыххæй æмæ стыр аргъ скодта, цы офисы сæргъ лæууы, уый архайдæн хицæн категориты æмбæстæгтæн цы адресон социалон æххуыс бакодта, уый тыххæй, загъта йын дарддæры ахадæн æмкуысткæнынады фæндиæгтæ.

Цхинвал, 2012 азы 16 апрелы

16.04.2012