Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

2012 азы 25 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны уыд президенты æвзæрстытæ.

Æвзæрстытæ ацыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны æвзæрстыты закъондæттынады бындурыл æмæ дунеон нормæтæм гæсгæ.

Хъæлæс лæвæрд цыдис 85 æвзарæн фадыджы, уыцы нымæцы Республикæ Хуссар Ирыстонæн Уæрæсейы Федерациты территорийыл цы Минæварад ис, уым конд чи рцыдис, уыцы фадыджы дæр. Хъæлæс дæттыны хъуыддаг куыд цыдис, уымæ сæ хъус дардтой дæсгай дунеон цæстдарджытæ дæр.Уыдон хъуыдымæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æвзæрстытæ комкоммæдæр дзуапп лæвæрдтой æвзæрстыты бæрзонд стандарттæн æмæ демократон принциптæн. Æвзæрстыты куысты тыххæй хъусын кодтой бирæнымæц журналисттæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Централон æвзарæн къамисы зонæтæм гæсгæ, æвзæрстыты цы 4 кандидаты истой хайад, уыдонæй лидерты сты дыууæ кандидаты - Тыбылты Л.Х. æмæ Санахъоты Д.Г., кæцытæ хизынц хъæлæс кæныны дыккаг турмæ.

Хъæлæс кæныны тур, рагацау банымадмæ гæсгæ, уагъд æрцæудзæнис 8 апрелы.

Хъæлæс кæныны боны уавæр уыдис сабыр, æвзæрстытæ ацыдысты, ахсæнадон фатк хæлд не ‘рцыдис, афтæмæй.

Цхинвал, 2012 азы 26 март

27.03.2012