Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг Уæрæсейы Федерацийы Президенты æвзæрстыты тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл

2012 азы 4 марты Уæрæсейы Федерацийы Президенты æвзæрстыты хайад истой, æвзæрстыты бонмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æдзух чи цæры кæнæ рæстæгмæ чи ис, Уæрæсейы Федерацийы уыцы æмбæстæгтæ.

Хуссар Ирыстоны баконд æрцыдысты дыууадæс æвзарæн фадыджы. Æвзæрстытæ уадзыны куыст сорганизаци кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Минæварад.

Æвзæрстытæ Хуссар Ирыстоны уагъд цыдысты стыр разæнгарддзинады уавæрты. Æвзарджыты 92,77% сæ хъæлæстæ радтой Владимир Владимиры фырт Путинæн. Г. А. Зюгановæн хъæлæс радтой æвзарджыты 3,71%, М. Д. Прохоровæн - 1,61%, В. В. Жириновскийæн - 1,48% æмæ С. М. Мироновæн та - 0,43%.

Уæрæсейы Федерацийы Президенты ‘взæрстытæ ногæй фенын кодтой, Республикæ Хуссар Ирыстон йе ‘ддагон политикæйы дырысæй кæй æнцой кæны Уæрæсейы Федерацийыл. Йæ адæм бузныг сты Уæрæсейы къухдариуæггæнджыттæй æмæ сæ ныфс ис, Уæрæсеимæ дарддæр дæр йæ ахастытæ кæй рæздзысты æмæ фидардæр кæй кæндзысты, уымæй.

Цхинвал, 2012 азы 5-æм март

05.03.2012