Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг Сирийы ног Конституцийы проекты фæдыл референдумы тыххæй

2012 азы 26 февралы Сирийы уагъд æрцыдис референдум Сириаг Арабаг Республикæйы (САР) ног Конституцийы проекты фæдыл. Сирийы ног Конституцийы ‘вварс рахæцыдысты 7,5 милуан æмбæстæджы, кæнæ хуыцаубоны референдумы хайад чи райста, уыдоны 89,4%.

Референдумы фæстиуджытæ фенын кодтой уый, сириаг адæм кæй хæцынц хицауады реформæты ‘вварс. Уыцы реформæтæ ахъаз кæндзысты æмбæстæгты бартæ æмæ сæрибардзинадтæ уæрæх кæнынæн æмæ нырыккон демократон паддзахад саразынæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны хорзыл нымайынц референдумы фæстиуджытæ æмæ ныфс æвæрынц, уыдон фидар бындур кæй æрæвæрдзысты Сирийы мидæг сабырад фидар кæныæн æмæ бæстæйы ситуации æххæстæй снормализаци кæнынæн.

Цхинвал, 2012 азы 28 февраль

28.02.2012