Республикæ Хуссар Ирыстон Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат йæхимæ райста Республикæ Абхазы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Плиты Нодары

Ныхæсты рæстæджы, кæцыйы ма ноджыдæр хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Цхуырбаты Казбулат, уынаффæ цыдис хуссарирыстойнаг-абхазаг ахастыты тыххæй. Дыууæ фарсы ‘рдыгæй дæр банысан æрцыдис фæстиуæгджын æмгуыстгæнынад дарддæр дæр уæрæх кæнынмæ тырнындзинад.

Загъд æрцыдис катайдзинад, Абхазы чи ‘рцыдис, Паддзахады сæргълæуæджы амарынмæ уыцы бахъавды фæдыл. Ацы террористон акт цæхгæр æвзæрыл банымайгæйæ, Министр мæсæллæй загъта, йæ хъахъхъæнджытæй чи фæмард сты, уыцы кусджыты хæстæджытæ æмæ æввахс адæмæн.

Цхинвал, 2012 азы 22-æм феврал

22.02.2012