Нæ хъус æрдардтам 2025 азы Гуырдзыстоны адæмон хъахъхъæнæджы радон докладмæ, кæцыйы дзырд цæуы адæймаджы барты уавæры фæдыл, уый нымæцы Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы дæр. Доклады æрмæг у сыдывд, информаци – æцæгдзинадæй дард.
Гуырдзиаг омбудсмены ахæм докладтæн ис æрмæстдæр политикон здæхт æмæ ницы бар дарынц æцæг уавæрмæ. Сæ сæйраг нысан – равдисын Хуссар Ирыстоныл мæнг æндæвдад æмæ дарддæр дæр ма нымайын йæ суверенитет. Хъыгагæн, мидпроблемæтæ скъуыддзаг кæнын æмæ йе’мбæстæгты бартæ хъахъхъæныны бæсты, Гуырдзыстон дарддæр кæны йæ деструктивон политикæ.
Радон хатт сидæм гуырдзиаг фарсмæ, цæмæй æрæвналой сыхаг паддзахадтимæ конструктивон ахастытæ аразынмæ.
2026 азы хурхæтæны мæйы 24-æм бон