Хурхæтæны мæйы 12-æм бон ацыд Хуссар Ирыстон æмæ Никарагуайы фæсивæдон командæты ‘хсæн тагъд шахмæттæй онлайн-турнир.
Турнир ацыд Цхинвалы «Русский дом»-ы фæзуатыл Хуссар Ирыстоны ФХъМ æмæ Никарагуайы Минæварады æххуысæй. Турнир уагъд æрцыд Хуссар Ирыстоны Шахмæтты федерацийы сæрдар Сæулохты Георгийы хъæппæрисæй.
Мадзалы уыдысты Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Уынаффæгæнæг Тадтаты С. æмæ РХИ-йы ФХъМ-йы Хайады сæрдар Уалыты М.
2026 азы хурхæтæны мæйы 13-æм бон