Фæскавказы Æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы ЕЦ, ОБСЕ æмæ ИНО-йæ Æмсæрдæртты фембæлды фæдыл

Хурхæтæны мæйы 3-æм бон Цхинвалы Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы радон раундмæ бацæттæ кæныны фæлгæтты Президенты Паддзахадон Уынаффæгæнæг Коцты К.К. сæргълæудæй Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци райста Æхсæнадæмон дискусситы ЕЦ, ИНО æмæ ОБСЕ-йæ Æмсæрдæрттæ М. Гроно, М.Х. Хиари и К. Шпэтийы.

Фембæлды рæстæджы æрдзырдæуыд Дискусситы радон раунды актуалон фарстатыл, кæцы ацæудзæн хурхæтæны мæйы кæрон – сусæны мæйы райдайæн Женевæйы. 

Сæйраг хъусдард аздæхтæуыд Хуссар Ирыстоны æдасдзинады фарстатæм. Хуссарирыстойнаг фарс банысан кодта тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документы бафысты æнæмæнгдзинад. Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ радон хатт банысан кодтой, уæлдай ахсджиаг нысаниуæг кæй ис Гуырдзыстоны ‘рдыгæй æдасдзинады гарантитæн, кæцы иу æмæ дыууæ хатты нæ уыд Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы ныхмæ куыд бæстæ-агрессор. 

Хайадисджытæ æвæрццаг аргъ скодтой Инциденттæ аиуварс кæнын æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны фæдыл иумæйаг механизмы фæлгæтты, афтæмæй ма уыцы форматы архайгæ «тæвд хахх»-ы куыстæн. Арæнгæрон районты стабилондзинадмæ нæкæсгæйæ, хуссарирыстойнаг фарс ногæй хъус æрдардта паддзахадон арæны режим æххæст кæныны ахсджиагдзинад, афтæмæй ма Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны 'хсæн паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркацийы фæдыл иумæйаг архайд райдайыны æнæмæнгдзинадмæ. 

Хуссарирыстойнаг фарс тыхст у Голоты Тамазимæ баст уавæры фæдыл, кæцыйы сыхаг паддзахады территорийыл æрцахстой гуырдзиаг сæрмагонд службæтæ. Нысангонд æрцыд, бынтондæр кæй нæй информаци куыд у, уый фæдыл. 

Бæстонæй æрдзырдæуыд гуманитарон фарстатыл дæр, цыран сæйраг хъусдард аздæхтæуыд Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон хъысмæтмæ.

2026 азы хурхæтæны мæйы 3-æм бон

03.06.2026