Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметовмæ Райгуырæн боны цытæн.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«Хуссар Ирыстоны адæм æмæ Уæрæсейы æмбæстæгтæй Республикæйы чи цæры, уыдоны ‘хсæн дын ис стыр цыт æмæ кад. Æгæрон у дæ хайбавæрд хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг æмахастытæ, нæ бæстæты 'хсæн интеграцион процессты размæдзыды хъуыддагмæ».