Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы арфæ Дипломатон кусæджы боны цытæн

Президент РЮО А.Э. Гаглоев

Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын Дипломатон кусæджы бæрæгбоны цытæн!

Кæддæриддæр дипломатон службæ уыд стыр бæрндзинад æмæ патриотизмы æвдисæн. Æндыгъд æхсæнадæмон уавæрты Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагполитикон уагдоны архайдæн ис уæлдай нысаниуæг, бæстæйы национ интерестæ размæ кæнын æмæ суверенитет хъахъхъæныны хъуыддаджы ахсы сæйраг бынат.

Хуссарирыстойнаг дипломаттæ кадджынæй дарддæр кæнынц хистæр фæлтæры фæткæвæрд, æрæвæргæ хæстæ скъуыддзаг кæныны хъуыддаджы æвдисынц бæрзонд профессионализм æмæ æнувыддзинад. Уæ фæстиуæгджын куысты фæрцы дунейон аренæйы фидар кæнынц Республикæ Хуссар Ирыстоны позицитæ, размæ цæуынц хæларадон бæстæтимæ ахастытæ.

Бузныг уын уæ хайбавæрды тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагполитикон курсы размæдзыдмæ.

Фидарæй мæ уырны, дарддæр дæр аккагæй кæй æххæст кæндзыстут уæ разы æвæрд хæстæ, кæцытæ ахъаз сты Республикæ Хуссар Ирыстоны сабыр размæдзыд æмæ райрæзтæн.

Ацы ахсджиаг бæрæгбоны уын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ ног æнтыстытæ Фыдыбæстæйы рæзтæн! Уæ бинонтимæ иумæ хайджын ут сабырад, хæлардзинад æмæ фæрныгадæй!

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

https://presidentruo.org/pozdravlenie-s-dnem-diplomaticheskogo-rabotnika-6/

28.05.2025