Тæргæйтты мæйы 17-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста Хуссар Ирыстоны зынгæ паддзахадон æмæ æхсæнадон архайæг Гасситы Знауыры райгуырдæй 100 азы рацыды фæдыл цытджын мадзæлтты.
Мадзæлттæ райдыдтой Гасситы Знауыры уæлмæрдмæ дидинтæ сæвæрынæй Дзауы районы Бузалайы хъæуы.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты ацыд цытджын æмбырд, кæцыйы хайад райстой æппæт æрсидтыты депутаттæ, Республикæйы къухдариуæгад æмæ æхсæнад.
2025 азы тæргæйтты мæйы 17-æм бон