Горæт Цхинвалы Администрацийы Сæрдар Гæбæраты Аланы æмæ горæт Градарæйы (Италийы Республикæ) мэр Филиппо Гасперийы фембæлды фæдыл Беслæны

Горæт Беслæны Администраци æмæ Комитет «Беслæны Мадæлтæ»-йы æххуысæй тæргæйтты мæйы 11-æм бон Беслæны ацыд горæт Цхинвалы Администрацийы Сæрдар Гæбæраты Аланы æмæ горæт Градарæйы (Италийы Республикæ) мэр Филиппо Гасперийы фембæлд, кæцы балцимæ ис Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы. 

Фембæлды ма хайад райстой г. Цхинвалы Администрацийы Сæрдары Фыццаг хæдивæг Гаглойты Николай, г. Беслæны Сæрдар Татраты Харитон, Рахизфарсы районы муниципалон сконды Сæрдар Фрайты Сослан, Дзæуджыхъæуы уæвæг Уæрæсейы ФХъМ-йы Минæварады Къухдариуæггæнæг Мамиты Багир, РХИ-йы ФХъМ-йы Æддагполитикон бастдзинæдты управленийы Сæрдар Джиджджойты Таймураз, афтæмæй ма РХИ-йы ФХъМ-йы Минæвар Италийы, Беслæны кадджын æмбæстаг Мауро Мурджа.

Ныхасы рæстæджы равдыстæуыд цæттæдзинад æмархайды дарддæры размæдзыдмæ горæт Цхинвалы Администраци æмæ Градарæйы горæты Муниципалитеты ‘хсæн Æмгуыстады фæдыл 2018 азы бафыстгонд фидыды фæлгæтты.

Уыцы бон ацыд пресс-конференци «Беслæн – Градарæ. Сабырдзинады Фæндаг. Æмгуыстад æмæ æмархайд», кæцы сорганизаци кодта Комитет «Беслæны Мадæлтæ».

2025 азы тæргæйтты мæйы 11-æм бон

11.03.2025