Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ райгуырæн боны цытæн.
Арфæйы дзырдæуы:
«Цытджын Æхсар Мураты фырт,
Зæрдæбынæй дын арфæ кæнын дæ райгуырæн боны цытæн!
Ацæугæ азы кæфты мæйы 4-æм бон Мæскуыйы нæ фембæлд стыр æхцондзинадимæ лæууы мæ зæрдыл. Уæрæсейы дæ зонынц фæлтæрд дипломатæй, кæцы уæзгæ хайбавæрд бахаста Республикæ Хуссар Ирыстоны позицитæ дунеон аренæйы сфидар кæныны хъуыддагмæ.
Нысан кæнын не ‘ддагполитикон министрадты 'хсæн æнгом архайд. Уый ахъаз у иумæйаг дипломатон фарстатæ скъуыддзаг кæнын æмæ уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастытæ фидар кæнынæн. Ныфс дарын фæстиуæгджын ахастыты дарддæр кæнынмæ.
Мæ зæрдæ дын зæгъы амонд, æнæниздзинад æмæ ног æнтыстытæ».