Æртхъирæны мæйы 27-æм бон ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары фембæлд Республикæ Никарагуайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Альба Асусена Торрес Мехияимæ.
Фембæлды ма хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Никарагуайы Козаты Нарим æмæ Республикæ Никарагуайы Минæварады Уынаффæгæнæг-Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Клаудио Антонио Арана.
Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд дыууæ хæларадон бæстæйы ‘хсæн ахастыты размæдзыд, афтæмæй ма актуалон дунеон цаутыл.
Фембæлды фæлгæтты дыууæ фарс бафыстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Республикæ Никарагуайы Хицауады 'хсæн Бадзырд, кæцымæ гæсгæ дипломатион, официалон, службæйон æмæ фæсарæйнаг паспорттæ кæмæн ис, уыдонæн нæ хъæудзæн иу бæстæйæ иннæмæ ахизыны рæстæджы визæйон режим æххæст кæнын.
2025 азы æртхъирæны мæйы 27-æм бон