Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Тувалуйы ‘хсæн дипломатон ахастытæ саразыны фæдыл

2011 азы 20 сентябры уыдис Тувалуйы Премьер-министр Вилли Телавийы визит Республикæ Хуссар Ирыстонмæ.Визиты рæстæджы 19 сентябры къухтæ фыст æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Тувалуйы ‘хсæн дипломатон ахастытæ саразыны фæдыл.Хуссар Ирыстоны ‘рдыгæй фарс документыл йæ къух æрфыста Республикæ Хуссар Ирыстоны президент Кокойты Эдуард,Тувалуйы ‘рдыгæй фарс Премьер-министр Вилли Телави.

Дыууæ фарсы ахастытæн уыдзæнис хæларадон ахаст æмæ политикон,культурон æмæ ахуырады сферæты рæздзæнис æнгом хæларадон уавæрты.дыууæ бæстæйы æттагонполитикон ведомствотæн уыдзæнис æдзухон иудзинад æмæ æмархайд кæндзысты дывæрсыгон архайдтыты рæзты æмæ дунеон организациты æмархайды фарстаты.

Хуссарирыстойнаг фарс хорзыл нымайы ацы вазыгджын æмæ бæрнон къахдзæф æмæ ныфсдзинад зæгъы,зæгъгæ,Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Тувалуйы ‘хсæн рæздзысты ацы дыууæ бæстæйы адæмы хæрзиуæгæн.

Цхинвал, 2011 азы 20сентябрь

20.09.2011