Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарææнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг аразынмæ цы «сабырады Марш» аразынмæ хъавдæуы уый тыххæй

Фæстаг рæстæджы нæм цæуы ахæм информаци зæгъгæ,2011 азы,26 августы Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта,уый æртыккæгæм азы боны гуырдзиаг хицауиуæгад фæнд кæны,цæмæй Хуссар Ирыстоны арæныл сæххæст кæна стырмасштабон провокаци.
Ацы фæнд сæххæст кæныны фæлгæтты гуырдзиаг спецслужбæтæ цæттæ кæнынц «сабырадон Марш,ома æнæзакъонæй 2008 азы августы,гуырдзиаг агрессийы рæстæджы Хуссар Ирыстоны территории барвæндæй чи ныууагътой,уыцы афтæхуыйнæг лигъдонтæ æмбæстæгты арæныл æрбазизын кæнын.

Къæрцхъусдзинад æвзæрын кæны уый æмæ,Гуырдзыстонæн йæхи мидæг «лигъдонтæ»кæм æрцардысты,уыцы бынæтты гуырдзиаг къухдариуæгад ситуации барæй кæй карз кæны,массон æгъдауæй сæ дарддæр дæр æрвитынц,компактонæй кæм цæрынц,уыцы бынæттæй,нæ сын скъуыддзаг кæнынц сæ социалон фарстатæ.Уыцы иу рæстæджы сын се”хсæн парахат кæнынц реваншистон зæрдæйыуаг.Официалон Тбилис уыдонæн реалон æххуыс бакæныны фæлтау арæхæй арæхдæр ныфс авæры «сæ раздæры цæрæн бынæттæм тагъд рæстæджы аздæхынæй» æмæ уымæй сæ ардауы дызæрдыккаг авантюрон провокацитыл.

Тбилисы архайдтытæн Цхинвалы аргъ кæнынц,куыд уавæр дестабилизацигæнæг,афтæ.Ахæм ситуаци кæй сæвзæрдис,уый тыххæй Хуссар Ирыстон бахатыдис Гуырдзыстоны уæвæг ЕЦ хъусдарджыты миссимæ,цæмæй мадзæлттæ райсой радон провокацийæ сæ бахизыны тыххæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæнаг хъуыдддæгты министрад хъусын кæны,зæгъгæ,уавæр,мыййаг куы фæказдæр уа,уæд хуссар-ирыстойнаг фарсы æппæт мадзæлттæ райсын дæр бахъæудзæнис паддзахадон арæны сæрты æнæсанкцигондæй æрбахизын ма бауадзыны тыххæй,æмæ дзы цы фæстиуджытæ ис гæнæн æмæ æрцæуой,уыдоны тыххæй та бæрндзинад æвæрд æрцæудзæнис гуырдзиаг фарсыл.

Цхинвал, 23 август 2011 аз

23.08.2011