Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментари парти «Гуырдзиаг бæллицц»-ы фидиуæны фæдыл

МИД Южной Осетии

Кæфты мæйы Гуырдзыстоны цы парламентон æвзæрстытæ хъуамæ уа, уыдоны фæдыл гуырдзиаг политиктæн сарæх сты Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы статусы тыххæй алыхуызон декларативон фидиуæнтæ. Се ‘хсæн Гуырдзыстоны ныры парти дæр, кæцы йæхи пайдайæн сног кæны афтæ хуыйнæг бæстæйы территориалон иудзинады темæ.

Бæрæг у, æмæ ахæм фидиуæнтæ сты æрмæстдæр бынæттон адæмы тыххæй æмæ æппæтварсонæй æвдисынц Гуырдзыстоны æвзарæн кампанийы уавæр. Фаг рæстæг рацыд, цæмæй официалон Тбилис райса 2008 азы майрæмты мæйы фæстæ сæвзæргæ æцæгдзинад æмæ банымайа Республикæ Хуссар Ирыстоны суверенитет.

Цхинвал, 2024 азы майрæмты мæйы 20-æм бон

20.08.2024