Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Сириаг Араббаг Республикæйы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæнынæй æхсæз азы рацыды цытæн

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Сириаг Араббаг Республикæйы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæнынæй æхсæз азы рацыды цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæджытæ Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгтæ æмæ эмигрантты хъуыддæгты фæдыл министр цытджын Фейсал Аль-Микдадмæ æмæ Сириаг Араббаг Республикæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы цытджын Башар Аль-Джаафаримæ. 

Йæ фыстæджы Джиоты Æхсар банысан кодта, Хуссар Ирыстон æмæ Сирийы ‘хсæн дипломатон ахастыты сфидар кæнынад кæй ссис æхсæнпаддзахадон æмгуыстады фидар бындур, æмæ йæ ныфс ис, Цхинвал æмæ Дамаскы ‘хсæн ахастытæ дарддæр дæр кæй фидар кæндзысты æмæ кæй рæздзысты, афтæмæй ма сириаг æфсымæрон адæмæн йæ зæрдæ загъта сабырад, хæлардзинад, æнтыстытæ æмæ фæрныгады фæндиæгтæ.

Цхинвал, 2024 азы сусæны мæйы 22-æм бон 

 

 

22.07.2024