Сусæны мæйы 17-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары сæргълæудæй кусæгон балцимæ ацыдысты Республикæ Никарагуамæ, цæмæй хайад райсой Сандинистон революцийæ 45 азы рацыды охыл цытджын мадзæлтты.
Делегацийы сконды Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Никарагуайы Козаты Нарим.
Манагуамæ балцы фæлгæтты уæрæсейаг дипминæварады сæрдары резиденцийы ацыд фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Никарагуайы Александр Хохоликовимæ.
Сусæны мæйы 19-æм бон Манагуайы цытджын мадзæлттæм æнхъæлмæ кæсынц бирæнымæц кадджын фæсарæйнаг уазджытæ æмæ делегацитæм. Сандинистон революцийы бæрæгбонæн Никарагуайы адæмæн ис ахсджиаг историон æмæ политикон нысаниуæг.
Цхинвал, 2024 азы сусæны мæйы 17-æм бон