Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæвары комментари ОБСЕ-йы Парламентон ассемблейы райст декларацийы фæдыл

МИД Южной Осетии

Зындгонд куыд у, афтæмæй Бухаресты хурхæтæны мæйы 29-æм бонæй сусæны мæйы 3-æм бонмæ уагъд цыд ОБСЕ-йы Парламентон ассамблейы 31-æм æрвылазон сесси, кæцыйы рæстæджы ист æрцыд деклараци. Декларацимæ хаст æрцыд сидт, цæмæй Гуырдзыстоны оккупацигонд территоритæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæй уайтагъддæр ракæной уæрæсейаг гæрзифтонг тыхтæ. 

Ахæм документтæ 2008 азы майрæмты мæйы фæстæ фыццаг хатт нæ цæуынц ист. Хуссар Ирыстон иу æмæ дыууæ хатты нæ хъусын кодта йæ цæстæнгас æцæгдзинадæй иппæрд документты деструктивондзинады фæдыл. Ногæй та хъус дарæм, æнæмæнгæй кæй хъæуы регионы уæвæг геополитикон æцæгдзинад райсын æмæ сразы уын Хуссар Ирыстоны бартыл сæрибардзинад æмæ хæдбардзинадмæ.  

Хъыгагæн, радон хатт та европæйаг структурæты ‘рдыгæй уынæм дывæрсон стандартты политикæ æмæ æхсæнадæмон институтты фæстæмæцыд. 

Цхинвал, 2024 азы сусæны мæйы 5-æм бон 

05.07.2024