Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Венесуэлæйы Хæдбардзинады боны цытæн

Южная Осетия и Венесуэла

Хæдбардзинады боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Иван Хиль Пинто æмæ Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Хесус Рафаэль Саласар Веласкесмæ. 

Йæ фыстæджы Джиоты Æхсар банысан кодта Венесуэлæйы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны æхсæнадæмон позициты æппæтварсон æххуыс, ныфс бадардта, Цхинвал æмæ Каракасы ‘хсæн ахастытæ дарддæр дæр кæй фидар æмæ уæрæх кæндзысты. Афтæмæй ма Венесуэлæйы æфсымæрон адæмæн йæ зæрдæ загъта сабырад, фæрныгад æмæ размæдзыды фæндиæгтæ.  

 

 

05.07.2024