Арфæйы фыстæг Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьевмæ Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сырæзтæй 32 азы рацыды цытæн

А.М. Джиоев и В.В. Игнатьев

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьевмæ Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сырæзтæй 32 азы рацыды цытæн.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Йæ сырæзты бонæй фæстæмæ Министрад æнæрлæугæйæ цæуы снысангонд фæндагыл, кæцы здæхт у адæмы æмæ паддзахады æдасдзинад фидар кæнынмæ, æхсæнадæмон диалог аразынмæ, республикæйы æддагон бастдзинæдтæ уæрæх кæнын æмæ дунейы аренæйы йæ хæдбардзинад банымайынмæ.

Цытджын Виталий Викторы фырт, нæ бæстæтæ æмæ адæмы иу кæнынц хæларадон æмахастытæ, æппæтварсон æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуыс. Ныфс дарын, Хуссар Ирыстон æмæ Приднестровьейы æддагполитикон уагдæтты конструктивон æмархайд дарддæр дæр ахъаз кæй уыдзæн дывæрсон æхсæнпаддзахадон æмархайд уæрæхкæнынадæн не ‘фсымæрон адæмы хæрзиуæгæн».

01.07.2024