Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг Республикæ Никарагуайы Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварад саразыны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Республикæ Никарагуайы ‘хсæн дипломатон ахастытæ атæзт кæй æрцыдисты,афтæ ма Республикæ Никарагуамæ æппынæдзухон бастдзинæдты рæзтæн фарсхæцындзинады æнæмæнгхъæуындзинадмæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны президент Кокойты Э.2011 азы 26 июлы Указмæ гæсгæ арæзт æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны минæварад Республикæ Никарагуайы,кæцыйæн йæ резиденци уыдзæнис г. Цхинвалы.

Афтæ ма Республикæ Хуссар Ирыстоны президент Кокойты Эдуарды 2011 азы 26 июлы Указмæ гæсгæ Республикæ Никарагуайы Республикæ Хуссар Ирыстоны Чрезвычайон æмæ Æххæстбарджын минæварæй нысан æрцыд Козаты Нарим Захары фырт.

Цхинвал, 27 июль 2011 аз

27.07.2011