Арфæйы фыстæг Республикæ Науруйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты, базарад æмæ финансты министрадмæ Республикæ Науруйы Хæдбардзинады боны фæдыл

Южная Осетия и Науру

Республикæ Науруйы Хæдбардзинады боны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Науруйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты, базарад æмæ финансты министрадмæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Науруйы паддзахаддзинады бындуры ис æвæрд национ хъæддыхдзинад æмæ адæмы мон, кæцыты историон фæндаг дзурæг у сабырдзинадмæ æмæ райрæзтмæ тырнынадыл.

Хуссар Ирыстоны суверенитет æмæ хæдбардзинад банымайгæйæ, Республикæ Науру цы стыр æххуыс бакодта, уый Хуссар Ирыстоны адæм алыхатт дæр сæ зæрдыл дардзысты».

31.01.2024