Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Никарагуайы Козаты Наримы балцы фæдыл Манагуамæ

Южная Осетия и Никарагуа

Тъæнджы мæйы 12-15 бонты Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Никарагуайы Козаты Нарим бабæрæг кодта Республикæ Никарагуа. Балцы фæлгæтты ацыдысты фембæлдтытæ, сæ нымæцы Республикæ Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Денис Монкадаимæ, афтæмæй ма Республикæ Никарагуайы Президенты Уынаффæгæнæг инвестицитæ, базарад æмæ æхсæнадæмон æмгуыстады фарстыты фæдыл Лауреано Ортега Мурильоимæ.

Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд хуссарирыстойнаг-никарагуайаг дывæрсон æмгуыстады размæдзыды фарстытыл.

Цхинвал, 2024 азы тъæнджы мæйы 16-æм бон

16.01.2024