Арфæйы фыстæг юбилейы цытæн Республикæ Абхазы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Елбачиты Аланмæ

А.М. Джиоев и А.М. Елбакиев

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар раарфæ кодта Республикæ Абхазы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Елбачиты Аланæн йæ юбилейы цытæн.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Республикæ Хуссар Ирыстоны абхазаг дипломатон миссийы сæргъ лæугæйæ, хæссыс уæзгæ хайбавæрд дыууæ бæстæйы ‘хсæн æмгуыстады размæдзыд æмæ райрæзты хъуыддагмæ. Дипломаты миниуджытæй хайджын кæй дæ, уый зыны дæ архайды, кæцы здæхт у экономикон, социалон, культурон проектты реализацимæ, уыдон та ахъаз сты дывæрсон æмархайды æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынæн».

 

05.01.2024