Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары хайадисты тыххæй Плиты Иссæйы цытгæнæн церемонийы

Исса Плиев

Цыппурсы мæйы 12-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар Мæскуымæ кусæгон балцы рæстæджы хайад райста ирон адæмы хуыздæр минæвæрттæй иу, æфсады инæлар, дыууæ хатты Советон Цæдисы Хъайтар Плиты Иссæйы райгуырдæй 120 азы рацыды фæдыл цытджын мадзалы, кæцы ацыд 1941-1945 азты стыр Фыдыбæстæйон хæсты Централон музейы «Кады залы».

Мадзал уагъд æрцыд Дзанайты Азанбекы номыл Культурæйы хæрзаудæн фонды сæргълæууæг Дзанайты Зауыры хъæппæрисæй æмæ ацыд ирон адæмы культурон-историон традицитæ парахат кæныны фæлгæтты.

Джиоты Æхсар Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы номæй раарфæ кодта мадзалы организатортæ æмæ хайадисджытæн, афтæмæй ма банысан кодта Плиты Иссæйы стыр сгуыхтдзинад Райгуырæн бæстæйы раз.

Церемонийы хайад райстой Федерацийы Советы уæнгтæ æмæ Паддзахадон Думæйы депутаттæ, УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады минæвæрттæ, сахар Мæскуыйы ирон æхсæнады уæнгтæ.

Цхинвал, 2023 азы цыппурсы мæйы 12-æм бон

12.12.2023