Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады официалон минæвары комментари Гуырдзыстоны парламенты спикер Ш. Папуашвилийы раныхасы фæдыл

Республикæ Анголайы сæйраг горæт Луандайы ацыд Æхсæнпарламентон цæдисы 147-æм Ассамблей ахæм темæйыл: «Парламентон архайдтытæ сабырад, рæстдзинад æмæ эффективон институтты арæзтады хæрзиуæгæн». Ассамблейы фæлгæтты йæ раныхасы Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Ш. Папуашвили æрдзырдта афтæ хуыйнæг оккупацийы темæйыл, кæцыйы банысан кодта, историон æгъдауæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз кæй хауынц Гуырдзыстонмæ.

Бæрæг у, Ассамблейы трибунæйæ цы фехъусын кодта, уымæй кæй хъары дунеон æмæхсæнадæн æцæг цы нæ уæвы, уый. Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз нæ хаудтой историон æгъдауæй Гуырдзыстонмæ.

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы адæм тугæй балхæдтой сæ зæххыл цæрыны бар æмæ лæуд сты ахæм хъуыдыйыл, цæмæй æндæр паддзахадтимæ ахастытæ арæзт цæуой æппæтфæткон принциптыл бындуриуæг кæнгæйæ, сæрмагондæй, адæмы бартæн кад кæнын, хæстон нейтралитет æмæ тыхæй ма спайда кæныныл.

Цхинвал, 2023 азы кæфты мæйы 26-æм бон

 

26.10.2023