2011 азы 19 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсконфликтон уавæр æрбæстон кæныны фæдыл фембæлд уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Æххæстбарджын Минæвар Цоциты Б.Е.,Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К.,РХИ Президенты Паддзахадон Уынаффæгæнæг Коцты К.К.Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Женевæйы дискусситы Æмсæрдæрттимæ.
Фембæлды уынаффæ цыдис,2011 азы октябры Женевæйы уагъд чи цæудзæнис, уыцы дискусситæм бацæттæ кæныны фарстатыл.
Ныхæсты рæстæджы радон хатт куыд банысан чындæуыдис,афтæмæй тыхтæ аздахын хъæуы тыхæй ма спайда кæныны тыххæй юридикон æгъдауæй хæсджын чи кæны,уыцы документ бацæттæ кæнынмæ.Гуманитарон фарстатыл уынаффæ кæнгæйæ,дзырд цыдис,зæгъгæ,Ленингоры районы цæрджытæн Гуырдзыстоны территорийыл газ рауадзыны фарст, раздæрау йæ бынатæй нæма феггуырст. Хуссар Ирыстоны ‘рдыгæй фарс йæ æнæразыдзинад загъта лигъдæтты тыххæй БАО Генералон Ассамблей цы резолюции райста,уый фæдыл,кæцыйыл æруынаффæ кæнынмæ та ацы хатт дæр нæ фæхуыдтой Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы минæвæртты.Фехъусын чындæуыдис,зæгъгæ,БАО Генассамблейы формайы лигъдæтты фарстыл æнæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы минæвæрттæй уынаффæ кæнын ацы проблемæйы кæны Женевæйы дискусситы фæлгæнттæй æттæмæ æмæ йæ хъуыды сафы бынтондæр.
Цхинвал,19 июль 2011 аз