2011 азы 14 июлы Республикæ Хуссар Ирыстоны нысан цæуы Фидауынгæнджыты бон. Уыцы бон, 19азы размæ «Гуырдзиаг-ирон конфликт æрбæстон кæныны принципты тыххæй»1992 азы 24июны Сочийы Уæрæсейы,Гуырдзыстоны,Хуссар Ирыстоны æмæ Цæгат Ирыстоны ‘хсæн,къухтæ фыст кæуыл æрцыдис,уыцы Фидыды бындурыл Гуырдзиаг-ирон конфликты зонæмæ баконд æрцыдысты фидауынгæнæг тыхтæ Уæрæсейы,Гуырдзыстонæй,Хуссар Ирыстонæй æмæ Цæгат Ирыстонæй(фидыдад ифтонг кæныны фæдыл æмхæццæ тыхтæ) æртæ мотоæхсæг батальоны,кæцытæ ахъаз кодтой Хуссар Ирыстоны ныхмæ гуырдзиаг агресси æруромынæн æмæ бирæ азты дæргъы систы регионы хæст æруромыны æмæ сабырады гарант.
Ацы азты дæргъы бирæ хæттыты стыр аргъ цыдис фидауынгæнæг операцийы архайдæн,кæцы уыдис уникалон,аналогтæ кæмæн нæ уыдис,ахæм.Бирæ цæстдарджыты хъуыдымæ гæсгæ сабырад ифтонг кæнын,фидауынгæнджытæн сæхи контингент бахъахъхъæныны хъуыддаджы аргъгонд цыдис,куыд «цæвиттойнаг»,афтæ.Ахæм фæстиуæг къухты бафтыдис,уæрæсейаг цæстдарджытæ дзы кæй истой хайад æмæ семæ конфликтгæнæг цæстдарджытæ дæр кæй лæууыдысты, уый фæрцы.
2004 азы Гуырдзыстоны хицауадмæ М.Саакашвилийы æрцыдæй официалон Тбилис рæвнæлдта Хуссар Ирыстонимæ уавæр карздæр кæныны кампанимæ æмæ Уæрæсейы цæстдарджыты фидауынгæнæг операциты дискредитацимæ.
2008 азы, августы уырыссаг фидауынгæнæг тыхтæ æппæты разæй сæхимæ райстой гуырдзиаг æфсады,уыцы нымæцы сæ фидауынгæнæджы хæстыл гадзрахатæй чи рацыдис,уыцы гуырдзиаг фидауынгæнæг батальоны фæцæфтæ.Гуырдзиаг æфсад уырыссаг фидауынгæнæг тыхты систа фыццаграды милмæ кæй систа æмæ æхста ахæмтæй.Æмæ кæд уырыссаг фидауынгæнæг тыхтыл бирæ зиæнттæ цыдис, уæддæр уымæ нæ кæсгæйæ,уыцы азты хъахъæдтой сабырдзинад,лæууыдысты сæ постты æмæ кæронмæ намысджынæй сæххæст кодтой сæ хæс.Æрмæстдæр Уæрæсейы Федерацийы ныфсджын архайдтыты фæрцы æмæ агрессоры фидыдыл кæй сразы кодта,уый фæрцы фервæзтысты Хуссар Ирыстоны адæм, уырыссаг æмæ ирон фидауынгæнæг тыхтæ,æххæстæй куынæггонд цæмæй ма ‘рцыдаиккой,уымæй.
Абон Республикæйы мысынц, чи фæмард,уыцы фидауынгæнджыты нæмттæ.Мадзæлттæ райдыдтой фæмардуæвæг фидауынгæнæг хæстонты бинонты бабæрæг кæнынæй,Уæрæсейы фидауынгæнæг батальоны сыгъд æмæ дæрæн агъуыстыл веноктæ сæвæрынæй,фыццаг дурр æвæрд æрцыдис Цхинвалы,фидауынгæнджыты уынджы фидауынгæнджыты ном арынæн цы цырт æрцæудзæнис æвæрд,уый бындуры.
Цхинвал,14 июль 2011 аз