Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары фембæлды фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Туркаг Республикæйы Хоситы Бурханимæ

Встреча Ахсара Джиоева с Хоситы Бурханом и Хъусаты Хайри
Встреча Ахсара Джиоева с Хоситы Бурханом и Хъусаты Хайри

Майрæмты мæйы 25-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Туркаг Республикæйы Хоситы Бурханы æмæ Турчы ирæтты национ-культурон æхсæнад «Алан»-ы  Минæвар Хъуысаты Хайрийы, кæдон æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыды цытæн бæрæгбонмæ.

Фембæлды ма хайад райста Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Паддзахадон суагъæйы управленийы сæргълæууæг Къадзты Олеся.

Джиоты Æхсар бахахх кодта, Хуссар Ирыстонæн ирон диаспорæтимæ, уæлдайдæр туркаг ирæттимæ, ахастытæ фидар кæнынæн кæй ис ахсджиаг нысаниуæг. Хуссарирыстойнаг дипломатон уагдоны сæргълæууæг банысан кодта диаспорæ Турчы цы культурон-рухстауæн куыст кæны, уый бæрзонд æмвæзад. Куысты сæйраг здæхт та у мадæлон æвзаг æмæ æгъдæуттæ, афтæмæй ма Хуссар Ирыстонимæ бастдзинæдтæ фидар кæнын.

Хоситы Бурхан раарфæ кодта Министрæн бæрæгбоны цытæн æмæ банысан кодта, ацы ахсджиаг бæрæгбон йæ адæмимæ иумæ кæй ис, уый йын уæлдай æхсызгон кæй у, афтæмæй ма радзырдта Турчы ирон диаспорæимæ саразгæ æмæ саразинаг куысты фæдыл.

Цхинвал, 2023 азы майрæмты мæйы 25-æм бон

 

25.08.2023