Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджыты хайадисты тыххæй Æвзонг дипломатты VI глобалон форумы

Майрæмты мæйы 17-21 бонты Казаны ацыд Æвзонг дипломатты VI глобалон форум «Ног бирæполярон дунейы дипломати». Хуссарирыстойнаг делегацийы сконды уыдысты РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Фæсарæйнаг уагдæттимæ куысты Хайады сæргълæууæг Санахъоты Алексей, РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æддагполитикон бастдзинæдты управленийы консультант Бабуцидзе Джульетта æмæ РХИ-йы Минæварады фыццаг секретарь УФ-йы Мæргъиты Сослан.

Форум уагъд цыд Уæрæсейы ФХъМ-йы Æвзонг дипломатты совет Татарстаны Фæсивæды хъуыддæгты министрад, æхсæнадон организаци «Фæсивæдон дипломатийы академи», А.М. Горчаковы номыл Æргом дипломатийы æххуысы фондимæ иумæ. Мадзалы райстой хайад 130 делегаты дунейы 40 бæстæтæй.

Уæрæсейы ФХъМ-йы Сæрдар Сергей Лавров раарфæ кодта Æвзонг дипломатты VI глобалон форумы организатортæ, хайадисджытæ æмæ уазджытæн. Уыимæ иумæ ма банысан кодта, «горизонталон дипломати» кæй дæтты иттæг хорз фадат æддагполитикон службæты æвзонг специалисттæн, экспертон æмæхсæнадæн базонын кæрæдзийы цæстæнгас æхсæнадæмон царды ахсджиагдæр проблемæты фæдыл.

Форумы программæмæ гæсгæ уагъд æрцыдысты ног бирæполярон дунейы «горизонталон дипломатийы» фæдыл рабадтытæ, ЕАЭЦ-йы бæстæты фæсивæдон структурæты бирæварсон консультацитæ, кæцыты рæстæджы æрдзырдæуыд ныры æхсæнадæмон ахастыты информацион æдасдзинад æмæ «лæмæгъ тыхы» бынаты фæдыл, афтæмæй ма ныхас цыд иумæйаг проекттæ ауадзыны тыххæй.

Форумы куысты хайад райстой Уæрæсейы Федерацийы Спорты министр Олег Матыцин, Паддзахадон Думæйы Æхсæнадæмон хъуыддæгты комитеты Сæрдар Леонид Слуцкий, Уæрæсейы Федерацийы Сенатор, Федерацийы Советы Сæрдары хæдивæг Константин Косачев æмæ æнд.

Форумы фæлгæтты ацыд Æвзонг дипломатты æхсæнадæмон ассоциацимæ (ÆДÆА) ног уæнгтæ райсыны цытджын церемони. ÆДÆА-мæ æрбаиу сты 20 бæстæйæ фылдæры дипломатон уагдæтты минæвæрттæ, се ‘хсæн Хуссар Ирыстонæй дæр.

Форумы фæстаг бон бафыстæуыд документ, кæцыйы нысан æрцыд æхсæнадæмон барады бындурыл полицентрон дуне аразыны иумæйаг тыхты ахсджиагдзинад, афтæмæй ма æвзонг дипломатты æмгуыстадæн «горизонталон дипломатийы» концепцийы размæцыд националон, регионалон æмæ бирæварсон æмвæзадтыл. Делегаттæ ма ныффидар кодтой фашизм æмæ нацизм сног кæныны ныхмæ кæй сты, уый фæдыл сæ хъуыды.

Цхинвал, 2023 азы майрæмты мæйы 23-æм бон

23.08.2023