Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы фембæлды тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æххæстбарджын Минæвар Бенилюксы бæстæты Пухаты Радионимæ

Майрæмты мæйы 18-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Æххæстбарджын Минæвар Бенилюксы бæстæты Пухаты Радионы.

Ныхасы рæстæджы æрдзырдæуыд Европæйы ирон диаспорæтимæ Минæварады куысты кæцыдæр фарстытыл.

Пухаты Радион радзырдта Президентæн саразгæ куысты, афтæмæй ма БРИКС-ы бæстæты Ирон культурæйы бонтæ ауадзыны тыххæй.

Паддзахады сæрдар бузныджы ныхæстæ загъта дипломатæн Европæйы алыхуызон культурон-рухстауæн проектты реализацийы æмæ европæйаг бæстæты ирон культурæ парахат кæныны фæдыл.

Фембæлды кæронбæттæн Пухаты Радион балæвар кодта Гаглойты Аланæн зындгонд ирон нывгæнджыты куыстытимæ альбом.

Цхинвал, 2023 азы майрæмты мæйы 18-æм бон

18.08.2023