Фарст: Тбилисы уагъд цæуы НАТО-Гуырдзыстоны иумиаг конференции.Конференцийы сæйраг темæ-Цæгат-Атлантикон альянсимæ Гуырдзыстоны иумиаг плантæ.
Дзуапп: Гуырдзыстоны хицауад йæ æттагон политикæйы йæхицæн приоритетонæй раджы равзæрста НАТО-йы скондмæ бацæуын. Уый æмбарынц Ныгуылæны бирæ бæстæтæ æмæ арæхстгай йæ фарс хæцынц. Уыимæ иумæ ма НАТО-йæн,кæй зæгъын æй хъæуы,сæйраджыдæр ис йæхи нысан-раздæры ССРЦ къорд бæстæты максималонæй йæ позицитæ фидар кæнын.Махæн ахæм партнердзинадмæ арæхстджын ахаст ма уа,уымæн гæнæн нæй æмæ уымæ гæсгæ Гуырдзыстоны хицауиуæгад НАТО-йы факторæй пайда кæны,цæмæй Хуссар Ирыстоны арæнмæ хæстæг карз кæна ситуаци.Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм уый дæр æмæ æрæджы Эргнеты скъолайы «НАТО»-йы къуым арæзт кæй æрцыдис,кæцыйæ Гуырдзыстоны хицауиуæгад уынын кæны йæ натойон ахастытæ нæ арæнтæм хæстæг.
Цхинвал, 8 июль 2011 аз