2013 азы тæргæйтты мæйы 5-æм бон йæ цардæй ахицæн боливариайнаг революцийы раздзог, паддзахадон æмæ политикон архайæг, Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Президент Уго Хосе Рафаэль Чавес.
Уго Чавес- æцæг патриот æмæ венесуэлæйаг адæмы аккаг минæвар, уый йæ цард снывонд кодта йæ бæстæйы сæрвæлтау архайдæн. Уго Чавесы номимæ баст у венесуэлæйаг паддзахады историйы æнæхъæн дуг, йæ адæмы сæрибардзинадыл æмæ аккаг фидæныл тох кæныны дуг.
Команданте Чавес Хуссар Ирыстоны æмæ йæ адæмы ‘вварс кæй уыд, сæ бартæ сын кæй хъахъхъæдта, уый тыххæй йын ам алыхатт дæр кад кодтой. Йæ фæрцы Венесуэлæ ссис Хуссар Ирыстоны хæдбарад фыццаг чи банымадта, уыцы бæстæтæй иу.
Команданте Чавесы рухс ном нæ адæмæй рох никуы уыдзæн.
Viva Venezuela!