2008 азы августы хæсты рæстæджы хæстон архайдтыты фæстæ цалдæр къуырийы дæргъы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон арæнгæрон æбæрæг сæфт фесты республикæ Хусср Ирыстоны сабыр цæрæг авд æмбæстаджы. Æбæрæгæй чи фесæфтысты, уыдон æхсæн уыдысты æнæхъом ирон æмбæстæгтæ дæр.
Женевæйы дискусситы суанг райдианæй фæстæмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны делегации алы фембæлды дæр æвæрдта фарстæбæрæгæй чи фесæфтысты. Уыцы ирæтты фæтары кæныны гуырдзиаг тыхон структурæтæ. Комкоммæ кæй сты хайадисæг.Видеоырмæджытæ æмæ æвдисæнты, зонæнтæй куыдбæрæгу,афтæмæй æбæрæгæй чи фесæфтис, уыдон агурыны тыххæй мониторинг.
Куыд рабæрæг, афтæмæй гуырдзыстойнаг фарс агурыны куыстæн æвдыста æрмæстдæр йæ имитации. Æцæгæй та Гуырдзыстоны Мидхъуыдтæгты министрады æппæт дæр сарæзтæой, цæмæй ма рабæрæг уыдаит Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæг сæфт чи фæкодтой,уыдоны фæд,æмбæхст æрцыдаит ахст кæм уыдысты, уыцы бынат æмæ сæ дарддæры хъысмæт.
Хуссар Ирыстоны мадзæлттæ дæр сæххæст кодта гуырдзиаг æмбæстæгтæй чи фесæфтис æбæрæгæй уыдоны агурыны хъуыддæджы. Хуссар Ирыстоны территорийыл хæцгæйæ, цы гуырдзиæгтæ фесæфтысты æбæрæгæй, сæ уыцы æмбæстæгты тыххæй йын лæвæрд æрцыдис лæмбынæг информации. Уый нæ, фæлæ ма дыууæ хаты 2008 азы 26 августы. Æмæ 16 ноябыры хуссарирыстойнаг фаср гуырдзыстонæн радта 2008 азы гуырдзиаг æфсæддон службæгæнджыты æмæ гуырдзыстоны æрвыст чи уыдысты, Хуссар Ирыстоны ныхмæ чи хæцыдысты,уыцы комбатанты мард буарттæ. Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ гуырдзыйы минæвæрттæй эксгумацийы мард буарттæ лæвæрд кæмæ уыдысты, уыдон нæ бафæндис тобæттæ сæгом кæнын идентификации æмæ æмбæлон суагъæтæ саразыны тыххæй. Хусаар Ирыстоны æмбæлон структурæтæ уыцы адæмы ныгæнгæйæ сын сарæзтой сæ мард буартты идентификации, РХИ æмбæстæгтæй кæнæ дзы Уæрæсейы æфсæддонслужбæгæнджытæй,мыййаг, мочи фæхæцца уа, зæгъгæ, уый тыххæй.Æмæ гуырдзыстойнæгтæ табæтийы сæртæ байгом кæныны кæй не сразы сты, уый танысангонд æрцыдис суагъæйы, кæцытыл сæ къухтæ ‘рфыстой гуырдзиæгтæ дæр.
2011 азы 11 майы Дунеон Сырх Дзуар кæй сорганизаци кодта, уыцы фембæлды гуырдзыйы минæвар фехъусын кодта, зæгъгæ, гуырдзаг фарсмæ цыаст эксгумацигонд мард буары æрцыдис лæвард, уыдон не ‘рцыдысты идентификацигонд æмæ не сты æбæрæгæй чи фесæфтысты æмæ гуырдзиæгтæ кæй агурынц,уыцы адæймæгтæ. Уыимæ иумæ ма загъта ахæм хъуыды дæр, зæгъгæ, идентификации чи не ‘рцыдис, уыцы мард буарттæ, гæнæн ис æмæ уыдаиккой, ирæттæн æбæрæг сæфт чи фæкодтой, уыдон æмæ загъта, цæмæй сисой æтæлæгæй чи фесæфтис, уыцы ирæтты хиуæттæй ДНК.
Уæлдæр цы фактыты тыххæй дзырдæуыдис, уыдон зардыл даргæйæ амоныны ахæм хъуыддагмæ æмæ гуырдзиаг тыхон структурæтæ, æбæрæгæй чи фесæфтис,уыцы ирæтты кæй дардтой сæ ахæстæтты, кæй сын кодтой æгъатыр фыдмитæ æмæ сын уымæй кæй хастой æнæтæрхон мæлæт. Æппæт уыдæттæ æхæст уыдысты гуырдзиаг мидхъуыддæгты органты службæгæнджыты къухтæй. Ахæм факттæ нын дæттынц хатдзæгтæ арæзыны фадат, ома сæм ирæттæйахст чи уыдысты, уыдон гæнæн ис æмæ сæ амардтой. С мард буарттæ та сын гуырдзиаг фарст ‘рдыгæй бафæлварой 2008 азы эксгумацигонд чи ‘рцыдис, уыцы гуырмæ мард буарттæй фæивын,цыма уыдон уыдысты.Проблемæйы гуманитарон нысаниуæг зæрдыл вæргæйæ, хъуыддæджы ныдаргъ сабырадон æгъдауы аскъуыддзаг кæнынæн ныхдур кæй у, æбæрæгæй цы ирон æмбæстæгтæ фесæфтысты, уыдон агурыны хъуыддаг кæй ныдаргъ, уымæ гææсгæ хуссарирыстойнаг фарс сиды, цæмæй æппæт тыхтæ дæр здæхитæрцæуой кæрон ын скæнынæн, сног кæной дунеон эксперты къорды мониторинг æмæ бандавой гуырдзиаг фарсыл, афтæ, цæмæй къухты бафта 2008 азы æбæрæгæй цы ирæттæ фесæфтысты, уыдон хъысмæт базоныны хъуыддаг.
10.06.2011