Фидыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн зæххы хуылфы уæвæг æвæрæнты геологон æгъдауæй сахуыр кæнын æмæ сæ спайда кæныны къабазы æмгуыстады фæдыл

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауад, дарддæр – Дыууæ Фарсы,

2008 азы 17 сентябры фыстæрцæуæг Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн хæлардзинад, æмгуыстад æмæ кæрæдзион æххуысы тыххæй Бадзырды уагæвæрдтæй къухдариуæггæнгæйæ,

экономикон рæзтæн æрдзон ресурсты ахсджиаг нысаниуæг æмбаргæйæ, æмæ зæххы хуылфы уæвæг æвæрæнты геологон æгъдауæй сахуыр кæнын æмæ сæ спайда кæныны къабазы æмгуыстад рæзын кæнынмæ æмхуызон тырнындзинад хъусдардмæ исгæйæ,

сразы сты дæлдæруæвæгыл:

Уац 1

Дыууæ Фарсы рæзын кæнынц æмгуыстад зæххы хуылфы уæвæг æвæрæнты геологон æгъдауæй сахуыр кæнын æмæ сæ спайда кæныны къабазы æмбарады бындурыл æмæ Дыууæ Фарсы паддзахадты закъондæттынад æххæстгæнгæйæ.

Дыууæ Фарсы, ацы Фидыды нысæнттæм гæсгæ, ахъаз кæнынц сæ паддзахадты паддзахадон хицауиуæгады органтæ, куыстуæттæ, уагдæттæ æмæ организациты ‘хсæн комкоммæ бастдзинæдтæ фидар кæнын æмæ рæзын кæнынæн зæххы хуылфы уæвæг æвæрæнты геологон æгъдауæй сахуыр кæнын æмæ сæ спайда кæнынмæ хауæг фарстаты фæдыл.

Æмгуыстад æххæст цæуы ахæм приоритетон фæдыздæхтыты:

пайдайаг къахинæгты гуырæнтæ агурын, сгарын æмæ фæлгъауын (фыццаджы дæр хуссарирыстойнаг- уæрæсейаг иумийаг куыстуæтты архайды организациты);

геологон нывтæ исын алыгъуызон фæлгæтты, пайдайаг къахинæгты гуырæнтæ æссарыны нысанæн геофизикон æмæ геохимион агурынад;

геологон-фæдагурæн куыстыты прогрессивон методтæ æмæ технологитæ бакусын æмæ реализаци кæнын, пайдайаг къахинæгты гуырæнтæ сбæлвырд кæнын æмæ сæ комплексонæй спайда кæнын.

Уац 2

Ацы Фидыды фæлгæтты Дыууæ Фарсы æмгуыстад æххæст цæуы ахæм бындурон формæты:

иумиаг программæтæ, проекттæ æмæ мадзæлттæ реализаци кæнын;

ацы Фидыдыл къухтæ æрфыссыны рæстæджы Хуссар Ирыстоны територийы тыххæй Уæрæсейаг Фарсмæ цы геологон информаци ис, уый Хуссарирыстойнаг Фарсмæ раттын, Дыууæ Фарсы националон закъондæттынадмæ гæсгæ æмгуыстад æххæст кæныны рæстæджы геологон ахуырад æмæ зæххы хуылфы уæвæг æвæрæнты хъахъхъæныны къабазы райсгæ информацийæ кæрæдзийæн æххуыс кæнын. Дыууæ Фарсы сæхимæ хæс исынц, цæмæй Дыууæ Фарсæй алкæцыйы националон закъондæттынадмæ гæсгæ хъахъхъæной геологон информаци, адæттынмæ цæттæ кæныны æмæ адæттыны рæстæджы, афтæ ма сæ хъахъæныны æмæ семæ кусыны рæстæджы, æрдомæн кæмæн нæй, уыцы æрмæджытæ æмæ документы;

зонадон-практикон консультацитæ уадзын, стажировкæтæ æмæ ахуыргæндтæ æмæ специалистты фæлтæрддзинадæй кæрæдзийæн æххуыс кæнын;

зæххы хуылфы уæвæг къахинæгтæй спайда кæныны къабазы иумæйаг сгарæн куыстытæ организаци æмæ æххæст кæнын;

симпозиумтæ, конференцитæ æмæ равдыстытæ иумæ уадзын;

Æмгуыстады кæцыфæнды формæ æххæст кæнгæйæ дæр Дыууæ Фарсы бæлвырд кæнынц реализацийы конкретон этаптæ, фæтк æмæ иумийаг архайды тыххæй кæронбæттæн информаци раттыны æмгъуыдтæ.

Уац 3

Дыууæ Фарсы ацы Фидыд реализаци кæныны нысæнттæн нысан кæнынц компетентон органтæ:

Хуссарирыстойнаг Фарсæй – Экономикон райрæзты министрад;

Уæрæсейаг Фарсæй – Зæххы хуылфы уæвæг хæзнатæй пайдакæныны фæдыл федералон агентад.
Компетентон органтæн сæ бон у снысан кæной иумийаг проекттæ реализаци кæныны тыххæй бæрндзинадхæссæг организацитæ.

Компетентон органтæ аразынц иумиаг кусæгон къордтæ Дыууæ Фарсы паддзахадты æндæр паддзахадон органтæ æмæ организациты минæвæртты дæр æм æрбахонгæйæ.

Иумийаг кусæгон къорды рабадт уагъд цæуы радгай Дыууæ Фарсы паддзахадты территоритыл æппынкъаддæр афæдз иу хатт, æмгуыстады фæстиуджытæ æмæ йæ дарддæры фæдыздæхты нысæнттæм æркæсыны охыл.

Дыууæ Фарсы сæ компетентон органты, сæ нæмттæ кæнæ функциты баивыны рæстæджы уый тыххæй æвæстиатæй кæрæдзийæн хъусын кæнынц дипломатон каналтыл.

Уац 4

Иумийаг кусæгон къорды рабадты хайад райсынмæ Дыууæ Фарсæй командировкæйы æрвыстцæуæг минæвæрттæн сæ хæрдзтæ фиды æрвитæг Фарс.

Уыцы къорды рабадт организаци кæнын æмæ ауадзыныл бастуæвæг хæрдзтæ фиды исæг Фарс.
Ацы Фидыды фæлгæтты æндæр ауадзгæ мадзæлттимæ бастуæвæг хæрдзтæ нысан цæуынц хицæн суагъæтæй (контракттæй), кæцыты бындурмæ гæсгæ æххæст цæуы æмгуыстад бæлвырд проекттæ, кусæн районтæ æмæ объектты фæдыл.

Уац 5

Дыууæ Фарсы ифтонг кæнынц хъахъхъæнынад ацы Фидыд æххæст кæныны рæстæджы фæзынгæ кæнæ бавдисгæ интелектуалон исадæн æмæ уымæй спайда кæнын Дыууæ Фарсæй алкæцыйы паддзахады закъондæттынадмæ гæсгæ.

Спайда кæныны уавæртæ æмæ фæтк, барадон хъахъхъæнынад, афтæ ма ацы Фидыды фæлгæтты фæзынгæ интелектуалон исадмæ бар дарыны дихкæнынад, бæлвырд цæуынц Дыууæ Фарсы паддзахадты организациты бафидаргонд хицæн бадзырдтæй.

Ацы Фидыд реализаци кæныны рæстæджы райсгæ æмгуыстады фæстиуджытæ гæнæн ис лæвæрд æрцæуой æртыккаг фарсмæ æрмæстдæр Дыууæ Фарсы фыстæй разыдзинадмæ гæсгæ.

Уац 6

Ацы Фидыд нæ ныхилы Дыууæ Фарсы æндæр дунеон бадзырдтæй гуыргæ бартæ æмæ хæстæм, кæцыты хайадисджытæ сты Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федераци.

Уац 7

Дыууæ Фарсы æмразыдзинадмæ гæсгæ ацы Фидыдмæ бахæссæн ис ивындзинæдтæ, кæцытæ фидаргонд цæуынц хицæн суагъæтæй, æмæ сты йæ æнæфæхицæнгæнгæ хай.

Уац 8

Ацы Фидыды уагæвæрдтæ æмбарын кæнын æмæ сæ пайда кæныныны рæстæджы Дыууæ Фарсы ‘хсæн фæзынгæ æнæразыдзинæдтæ Дыууæ Фарсы скъуыддзаг кæнынц баныхæстæ кæнæ консультациты фæрцы.

Уац 9

Ацы Фидыд йæ тыхы цæуы, йæ тыхы бацæуыны тыххæй Дыууæ Фарсы æнæмæнгхъæуæг мидпаддзахадон процедурæтæ сæххæст кæныны тыххæй фæстаг хъусинаг фыстæй райсыны бонæй.
Ацы Фидыд арæзт цæуы фондз азы æмгъуыдмæ. Уымæй фæстæмæ дæр ацы Фидыды архайд йæхигъæдæй дарддæргонд цæуы æндæр фондзазон æмгъуыдтæм, кæд æмæ Дыууæ Фарсæй иу ацы æмгъуыды кæронæй æппынкъаддæр æхсæз мæйы раздæр иннæ Фарсæн дипломатон каналтыл фыстæй нæ фехъусын кæна ацы Фидыды архайд æруромыны тыххæй.

Ацы Фидыды архайд æруромын нæ хъыгдары йæ бындурыл арæзтæрцæуæг бадзырдтæ æмæ контрактты архайд.

 

Арæзт æрцыд сахар Цхинвалы 2011 азы февралы мæйы 18-æм боны дыууæ экземплярæй, алкæцы дæр ирон æмæ уырыссаг æвзагыл, уымæй дæр дыууæ текстæн дæр ис æмхуызон тых.

 

Date of issue
18/02/2011