Дипломатон рангтæ радтыны тыххæй РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Кокойты Э. Д. Указæй РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Плиты Алан Солтаны фыртæн æмæ РХИ фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Цуырбаты Казбулат Иналы фыртæн лæвæрд æрцыдысты «Чрезвычайон æмæ æххæстбарджын Æрвысты» рангтæ.

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады
пресс-службæ

21.04.2011