Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы комментаритæ реинтеграцийы фæдыл Гуырдзыстоны паддзахадон министры хъусынгæнинаджы фæдыл

Гуырдзыстоны реинтеграцийы фæдыл паддзахадон министр Екатерина Тъхъешелашвили 2011 азы 15 апрелы гуырдзиаг парламенты рабадты фæндон бахаста, цæмæй Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы æмбæстæгтæн лæвæрд цæуой «нейтралон»пасторттæ, гуырдзиаг символикæ сыл куыд нæ уа, афтæмæй. Уый, дам, цыма сæ хицæуттæн ратдзæн фæсарæнмæ ацæуыны æмæ уым Гуырдзыстоны президенты фонды хардзæй ахуыр кæныны фадат.

Парламенты загъдгонд цы фæндæттæ æрцыдысты æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазмæ ахасты гуырдзиаг стратегийы иу хай кæй сты æмæ кæцытæ адæммæ фæхæццæ сты суанг азы райдианы, ист æрцыдысты Гуырдзыстонмæ ахасты Евроцæдисы Парламентон Ассамблейы уалдзыгон сессийы. Уым сæрмагонд хъусдард здæхт æрцыдис ацы паддзахады этникон æгъдауæй цъусдæр чи сты, уыдоны проблемæтæм. Фæлæ сын нымад чи у, уыцы Республикæ Хуссар Ирыстонмæ сын ницы ахаст ис. Гуырдзыстоны ‘рдыгæй ацы хъусынгæнинагæн æгæр байрæджы æмæ Хуссар Ирыстоны цымыдис никæмæ æвзæрын кæны. Хуссар Ирыстоны цæрджытæн нейтралон пастортты тыххæй фарст æвæрд цыдис 1998 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны уæды президенты фембæлды рæстæджы.

Уæд Хуссар Ирыстон уыдис, нымад чи нæма уыдис, ахæм республикæ æмæ йæ адæм зындзинæдтæ æвзæрстой, дунейы нымад чи хъуамæ уыдаиккой, ахæм документтæ сæм кæй нæ уыдис, уый тыххæй, фæлæ фарст скъуыддзаг не ‘рцыдис абоны бонмæ Рестубликæ Хуссар Ирыстон у хæдбар æмæ нымад паддзахад, паддзахады æппæт атрибуттимæ. Йе ‘мбæстæгтæм ис, сæ гоймагдзинад сын чи æвдисы сæхи ахæм сæрмагонд документтæ-Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты паспорттæ, кæцытæ нымад сты Уæрæсейы æмæ къорд æндæр бæстæты. Нæ бæстæйы цæрджыты фылдæр хаймæ ма закъонон бындуртыл ис Уæрæсейы федерацийы æмбæстагдзинады æмæ æндæр æмбæлон документтæ æндæр бæстæтæм цæуыны тыххæй.

Цхинвал, 2011 азы 15 апрель

28.05.2011