РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг уалдзæджы ЕЦПА-йæы чи уыдзæнис, уыцы сессийы тыххæй

2011 азы 11апрелæй 15 апрелмæ Страсбургы уагъд цæудзæнис Европайы Цæдисы Парламентон Ассмблейы(ЕЦПА) уалдзыгон сессии. Уым æндæр темæтимæ иумæ плангонд цæуы, Гуырдзыстон, куыд ацы авторитетон дунеон организацийы уæнг, афтæ йæ хæстæ куыд æххæст кæны, уыцы фарстыл æруынаффæ кæнын.

Уымæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ЕЦПА уæнгты хъусдард здахы уымæ æмæ Гуырдзыстон демонстративонæй кæй ницæмæ дары йæхимæ цы дунеон хæстæ райста, уыдон. Афтæмæй та сæ сæххæст кæнын уыдис ацы бæстæйы Европæйон Цæдисмæ цæй тыххæй райстой, уый.

Уыдонæй сæ иу уыдис, 1989-1992 азты гуырдзыстойнаг-ирыстойнаг конфликты фæстиуæгæн лигъдонты проблемæ аскъуыддзаг кæнын. Фæлæ ацы прблемæ, канд скъуыддзаг не ‘рцыдис, фæлæ ноджыдæр фæкарздæр 2008 азы Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны агрессийы фæстиуæгæн Европæйы Советы æлхъывдады фæрцы Гуырдзыстоны Парламент æмæ йыл 2006 азы 31 декабры йæ къух мулкон реституцийы, гуырдзиаг-ирон конфликты рæстæджы чи фæзиан кодта, уыдонæн компенсацийы тыххæй йæ къух цы Гуырдзыстоны Закъоныл æрфыста, уый баззадис æнæххæстæй, гæххæтыл фыстæй. Гуырдзыстонæй тарды цы 100 минæй фылдæр ироны баййæфтой сæ этникон хийæдтæм гæсгæ, уыдонæй иунæг адæймаг дæр йæ бартæ нæ райста æм æ налдæр сæ къухты бафтыдис сæ мулк. Ирон цæрджыты ныхмæ ахæм уæгъдибардзинад Гуырдзыстоны этникон æгъдауæй сæ ссыгъдæг кæныны фæстæ цардæгас у ныртæккæ дæр. Ирæттæ сæ бартæ дæлдзиныг цæуынц кадрон фарстайы дæр. Гуырдзыстоны цæрæг ирон цæрджытæм ахасты иуварс æрцыдысты гуманитарон программæтæ. Республикæйы æхгæд æрцыдысты, цы ирон скъолатæ дзы уыдысты, уыдон. Æппæт уыдæтты фæстиуæгæн Гуырдзыстонæй лидзынц ирæттæ.

Адæймаджы бартæ комкæммæ халыны æмæ Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн ахастытæ æндыгъдæр кæй кæнынц, уый у Гуырдзыстоны оккупацигонд территоритæ кæй хонынц, уыдон тыххæй закъон кæй райстой, уый дæр.

Катайдзинад æвзæрын кæны ахæм факт дæр æмæ Гуырдзыстоны ахæстæтты, кæцыты ма ныр дæр ахстæй дарынц дæсгай ирон æмбæстæгты æрымысæггаг аххосгæнæг æрмæджытæм гæсгæ. Гуырдзыстоны адæмон сæрылхæцæджы докладмæ гæсгæ 2010 азы цæхгæр фæфылдæр мæлындзинад. ЕПЦА сессийы плагонд кæй цæуы Европайы Советы Уæлдæр къамисар г-н Томас Хаммербергы 2010 азы доклад, уый фæдыл Министрад нысан кæны, зæгъгæ, Уæлдæр къамисар æмæ йæ эксперттæ стыр куыст бакодтолй 2009-2010 азты Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй 2008 азы æбæрæг сæфт чи фесты, уыдон агурыны хъуыддагыл. Уый фæстиуæгæн арæзт æрцыдис ахæм хадзæг æмæ æбæрæг сæфтыл нымад чи ‘рцыдысты, Хуссар Ирыстоны уыцы цыппар æмбæстаджы æрцахстой Гуырдзыстоны официалон тыхон структурæйæ. Фæлæ г-н Хаммербергы доклады цы рекомидацитæ уыдысты, уыдонæй иунæг дæр 2008 азы августы æмæ уый фæстæ чи фесæфтысты, фæдæсгарст мониторингы гуырдзиаг хицæуиуæгады ‘рдыгæй æххæст нæ цæуы æмæ бынтондæр размæ нæ цæуы хъуыддаг. Ацы æвзонг адæймæгтæй иу уыдис хæрз æвзонг.

Министрад ныфсдзинад зæгъы, зæгъгæ, ЕПЦА Гуырдзыстонæн йæ хæстæ æххæст кæныны тыххæй цы фарстыл уынаффæ кæндзæн, уый ахъæз кæндзæнис Гуырдзыстоны бынат кæмæн ис адæймаджы бартæ халыны хъуыддаджы, уыцы стыр прблемæ аиуварс кæнынæн, æмæ бонæн йæ фæстагмæ ахъаз кæндзæнис демократи æмæ регионалон æдасдзинад сфидар кæнынæн.

Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ногæй нысан кæны Хуссар Ирыстоны минæвæртты бæрзонд дунеон æмæхсæнады трибунæмæ фæхоныны нысанмæздæхтдзинад, цæмæй дунеон æмæхсæнадмæ фæхæцæ кæной сæ позиции.

Цхинвал, 2011 азы 8 апрель

08.04.2011