Абон, 2011 азы 18 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны уыдысты зæрдылдарæн мадзæлттæ Ереды хъæумæ хæстæг чи æрцыдис, уыцы трагедийы фæдыл, кæцы йæ æгъатырдзинадæй ницæмæй хицæн кодта сырдон мийæ.
Растдæр 20 азы размæ гуырдзиаг неофашисттæ Хуссар И рыстоны ныхмæ сарæзтой æнæадæймагонд геноциды акттæ сæ иууыл карздæртæй сæ иу. 1991 азы Ереды хъæумæ хæстæг гуырдзиаг хотыхджын баиугæндтæ æрцахстой автомашинæ Урал æмæ дзы æрхизын кодтой 25 ирон бæлццоны, кæцытæ цыдысты, уыцы рæстæджы гуырдзиаг хотыхджын баиугæндтæ кæуыл контроль кодтой, уыцы территорийыл. Устытæ æмæ сывæллæтты ссæрибар кодтой, фæлæ дзы 12 нæлгоймаджы, бирæ фыдмитæ сын фæкæнгæйæ, удæгасæй баныгæдтой æмæ сын сæ уæлæ цы зæхх ныккалдтой, уый сраст кодтой бульдозерæй.
Кæд Хуссар Ирыстон бирæ хæттыты хатыдис ацы стыр фыдракæнд саразджытæ æфхæрд цæмæй баййæфтаиккой, уæддæр ма абоны онг дæр ацы сырдон фыдракæнд саразджытæ æфхæрд ничима æрцыдис.
Уымæ гæсгæ зын бамбарæн у дунеон организациты æмæ иуæй-иу бæстæты позици, кæцыты хицæстæй фенæг факты гуырдзиаг-хуссарирыстойнаг историон фактты хицæстæй фенгæйæ хъуыды дæр не ‘ркодтой æмæ æвзæрыл нæ банымадтой Гуырдзыстоны къухдариуæгады фыдракæндтæ. Уый нæ, фæлæ ма уый тыххæй дунеон æмæхсæнады уый ницæмæ даргæйæ æмæ гуырдзиаг лидертæ сæ фыдракæндты тыххæй æфхæрд кæй нæ баййæфтой, уый фæстиуæгæн гæнæнтæ арæзт æрцыдис2008 азы августы трагедийæн. Кæд æмæ 2008азы августы факттæ чи ахуыр кодта, Евроцæдисы уыцы хæдбар къамисы доклады Гуырдзыстон комкоммæ нымад æрцыдис агрессорыл, уæддæр иуæй-иу бæстæтæ раздæрау ныр дæр архайынц, цæмæй Гуырдзыстоны ракæной, амæттагæй æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы территориты та бынтондæр æнæбындурæй хонынц «оккупацигондтæ».
Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад ногæй сиды дунеон æмæхсæнадмæ Кавказы сабырад æмæ стабилондзинады сæраппонд объективон аргъ скæной Гуырдзыстоны къухдариуæгады фыдракæндон архайдтытæн.
Цхинвал, 2011 азы 18 март