РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад: Наркотиктæ РХИ-мæ цыдысты Гуырдзыстонæй

Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны территоримæ наркотиктæ хæссыны хъуыддаджы уыдис стыр проблемæ. Уый тыххæй ИА «Рес»-æн фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Плиты Алан. Уый комментарий сарæзта электронон дзыллон информацийы фæрæзты чи фæзындис, уыцы хъусынгæнинæгтæн, зæгъгæ, АИШ паддзахадон департаменты доклады цы хъусынгæнинæгтæ уыдис, уыдоны дзырдæуыдис ахæм хъуыды, цыма, дам, гæнæн ис æмæ наркотиктæ ласт цæуой Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы территорийыл.

«Гуырдзыстон махæн стыр проблемæ уыдис нæ Республикæйы территоримæ нын æнæзакъонæй наркотиктæ кæй ласта, уый тыххæй. Ахæм уавæр уыдис, цалынмæ 2008 азы ирыстойнаг æмæ уæрæсейаг тыхон структурæтæ гуырдзиаг агрессийы нæ басастой æмæ фæтардтой æмæ арæныл æппæт параметрыл дæр контроль кæнын нæ райдыдтой, уæдмæ.

2008 азы онг РХИ Мидхъуыддæгты министрад ауагъта цалдæр операци наркотрофиктæ ласыны хъуыддаг аиуварс кæныны æмæ наркотикон буарадтæ уæй кæныны хайад чи иста, уыдон æрцахсыны тыххæй. Ацы операци уадзыны рæстæджы раргом æрцыдысты, растдæр Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ кæй ластой наркотиктæ Хуссар Ирыстонмæ, уый», -загъта Плиты Алан.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, дыууæ фарсы дæр Æмхæццæ контролон къамисы фæлгæтты кæрæдзимæ куыд бадзыртой, афтæмæй гуырдзиаг полиции информаци иста хуссарирыстойнаг барадхъахъхъæнæг органтæ цы операцитæ ауадзыны план кодтой, уыдон тыххæй.

Фæлæ-иу наркотиктæй базаргæнæг гуырдзиæгтæ цахæмдæр диссаджы æгъдауæй базыдтой бынæттон амалиуæггæнджытæ цы мадзæлттæ истой, уыдонæн сæ бынат æмæ рæстæг. Афтæмæй бар-æнæбары дæр ахъуыдыгæнæн ис Гуырдзыстоны тыхон структурæтæ æмбаст кæй сты наркотикон буарадтæй базаргæнджытимæ, -загъта министры хæдивæг.

Плиты Алан ма куыд банысан кодта, афтæмæй ныртæккæ ацы сферæйы ситуаци, уæд куыд уыдис, уыимæ абаргæйæ у бирæ хуыздæр.

http://cominf.org/node/1166486406

04.03.2011