Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты М.К. Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фæсарæнты се ‘мбæстæгтæй чи цæры, уыдонимæ куысты фæдыл Департаменты Директоры А.В. Чепуринимæ фембæлды тыххæй

18 февралы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурат æмæ РХИ æхсæнадон баиугæндты фæдыл РХИ президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Дзугаты Къоста фембæлдысты Уæрæсеæн фæсарæнты чи цæры, уыдонимæ кусыны фæдыл Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Департаменты Директор А. В. Чепуринимæ, кæцы кусæгон визиты æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстонмæ.

Ныхæсты рæстæджы уынаффæ цыдис Уæрæсейы æмбæстæгтæй Хуссар Ирыстоны чи цæры, уыдоны проблематикæимæ баст чи сты, уыцы фарстайыл. Хуссар Ирыстойнаг фарс бузныг загъта Хуссар Ирыстонæй Уæрæсейы Федерацийы чи ис, уыдонæн æххуыс, фарсхæцынады æмæ 2008 азы Хуссар Ирыстонмæ цы гуырдзиаг агресси уыдис, уый фæстиуджытæ иуварс кæныны фæдыл, социалон, культурон, æвзаджы фарстаты бæстон æмæ фидар кæнынæн уавæртæ аразыны тыххæй.

Фæрсттæ райгондæй банысан кодтой, дыууæ фарсы ‘рдыгæй дæр æхсæнадон баиугæнндтæй сæ куыст ахадон æмæ æмбæлон æгъдауыл кæй цæуы, уый.

Фембæлды хайад райстой РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Плиты А. С. , Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Чрезвычайон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Кæрчиты Э. К.

Цхинвал, 2011 азы 18 февраль

18.02.2011