Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фидиуæн

30 июлы Гуырдзыстоны райдыдтой НАТО æмæ альянсы партнер «Аккаг партнер 2017» иумæйаг, нымæцмæ гæсгæ æртыккаг уæрæхмасштабон æфсæддон ахуыртæ, цыран æнæпрецедентон æгъдауæй уæрæхгонд æрцыд ахуырты цы æфсæддон потенциал цæуы пайдагонд, уый.

Æфсæддон маневрты хайад исынц 3 мины бæрц æфсæддонтæ Гуырдзыстон, АИШ, Стыр Британи, Германи, Турк, Словени, Украина æмæ Сомихæй. Гуырдзыстоны территоримæ æрбакондæуыд фæсарæйнаг уæззау техникæ æмæ авиаци. Ахуырты райдианы церемонийы хайад райста Гуырдзыстонмæ æрцæуæг АИШ-ы вице-президент.

Стыр хъыгзæрдæйæ нысан кæнæм ахæм мадзал уадзыны факт кæй æрцыд 2008 азы августы Гуырдзыстоны хæстон агрессийы 9-æм афæдзы боны агъоммæ. Æвдисæм серьезон тыхстдзинад Гуырдзыстоны милитаризацийы æмвæзад дарддæр кæй фылдæр кæны æмæ паддзахад-агрессорæн кæй ис демонстративон политикон æххуыс АИШ æмæ иуæй-иу æндæр бæстæты æрдыгæй, уый фæдыл.

Нымайæм ацы хъуыддæгтæ провокацион архæйдтытыл, Фæскавказы цы политикон æмæ хæстон баланс æрбиноныг ис, кæцы ифтонг кæны регионалон стабилондзинад æмæ Хуссар Ирыстоны æдасдзинад, уый фехалынмæ здæхт.

Цхинвал, 2017 азы 1 август

 

01.08.2017