2017 азы 9 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны уагъд æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты радон æвзæрстытæ æмæ Референдум бæстæйæн йæ историон ном - Паддзахад Алани раздахыны фæдыл.
Æвзæрстытæ æмæ Референдум уагъд æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æвзарæн закъондæттынады бындурыл, демократийы бындурæвæрæг принциптæ æмæ æхсæнадæмон нормæтæм гæсгæ. Хъæлæсæппæрст уагъд цыд 77 æвзарæн фадыджы, уыдонæй 5 конд уыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны дипломатон мисситы территоритыл Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Абхазы.
Æвзæрстыты бон æвзарæн фадгуыты уыд 80 æхсæнадæмон цæстдарæгæй фылдæр, уыдоны иумæйаг хъуыдымæ гæсгæ æвзæрстытæ æмæ Референдум Республикæ Хуссар Ирыстоны уыдысты бынтон рæсуг, уагъд æрцыдысты бæрзонд æвзарæн стандарттæм æмæ демократон принциптæм гæсгæ, сабыр уавæрты, æвзарджыты активон хайадистимæ. Æвзæрстытæ куыд цæуынц, уымæ сæ хъус дардтой бирæнымæц журналисттæ æндæр æмæ æндæр бæстæтæй.
Республикæ Хуссар Ирыстоны Центрон æвзарæн къамисы официалон хатдзæгон Суагъæмæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны нæуæг Президентæй æвзæрст æрцыд Бибылты Ильяйы фырт Анатолий.
Референдумы фæстиуджытæ бафидар кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты фылдæр хайы фæндон бæстæйæн йæ историон ном – Паддзахад Алани раздахын. Паддзахад Алани ном нырæй фæстæмæ пайдагонд цæудзæн бæстæйы ныры ном Республикæ Хуссар Ирыстоны æмсæр.
2017 азы 9 апрелы Республикæ Хуссар Ирыстоны уагъд Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æвзæрстытæ æмæ Референдум хъуамæ суой æхсæнадæмон æмæхсæнадæн, Республикæ Хуссар Ирыстон – Паддзахад Аланийы паддзахаддзинад æмæ политикон системæйы стабилондзинады бындур чи сси, бæстæйы уыцы демократон сконды ноджыдæр иу бæлвырдгæнæн.
Цхинвал, 2017 азы 12 апрель